Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 22:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уый фӕстӕ Ахазиайы агурын райдыдта ӕмӕ, Самарийы ӕмбӕхстӕй куы бадти, уӕд ахст ӕрцыди. Йегумӕ йӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Бавӕрыны аккаг ӕй скодтой, уымӕн ӕмӕ загътой: «Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Дунедарӕгӕн зӕрдиагӕй кад чи кодта, уыцы Иосафаты фырты фырт у». Ӕмӕ Ахазиайы хӕдзары, паддзахиуӕг кӕнын йӕ бон кӕмӕн суыдаид, ахӕмӕй ничиуал баззад.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 22:9
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ уый ныхъхъӕр кодта йӕ иудейаг уазӕгыл: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг! Дунедарӕджы коммӕ кӕй нӕ бакастӕ, цы дын бафӕдзӕхста, уый кӕй нӕ сӕххӕст кодтай,


Фӕхъыг ыл кӕндзысты Израилы адӕм ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдзысты. Йоровамы хӕдзаронтӕй иунӕг уый ӕрцӕудзӕни зӕппадзы ӕвӕрд, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, иунӕг уымӕ ссардта хорз миниуджытӕ.


Уый фӕстӕ Йегу галуанмӕ мидӕмӕ бацыд, уым бахордта ӕмӕ бануӕзта, стӕй загъта: «Уыцы ӕлгъыстаджы кой бакӕнут, баныгӕнут ӕй, уӕддӕр та паддзахы чызг у!»


Ӕниу, хорзӕй дӕр цыдӕртӕ сарӕзтай, уымӕн ӕмӕ Иудейы зӕххыл Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдтай, Дунедарӕджы агуырдтай зӕрдиагӕй».


Уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, паддзахы галуан ныххӕлӕттаг кодтой. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йын йӕ устыты акодтой уацары. Йӕ фырттӕй йын, йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайӕ фӕстӕмӕ, уым никӕйуал ныууагътой.


Иорам паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕртын дыууӕ азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта аст азы. Куы амарди, уӕд ыл ничи фӕхъыг кодта. Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, ӕрмӕст, паддзӕхтӕ кӕм ныгӕд уыдысты, уыцы зӕппӕдзты нӕ.


Иорам йӕ фыды бӕсты паддзах куы сси ӕмӕ йӕ бынаты куы ’рфидар ис, уӕд йе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр амарын кодта, ноджы ма Израилы барджынтӕй кӕйдӕрты.


Ахавы бинонтӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, уый ӕххӕстгӕнгӕйӕ, Йегу ссардта Иудейы ӕфсады хицӕутты, стӕй Ахазиайӕн йе ’фсымӕрты лӕппуты, лӕггад ын чи кодта, уыдоны, ӕмӕ сӕ амардта.


Уӕззау цӕфӕй йӕ куы ныууагътой, уӕд паддзахы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, сауджын Йеходайы фырты кӕй амарын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ амардтой йӕ сынтӕджы. Йӕ мард ын бавӕрдтой Давиды сахары, ӕрмӕст паддзӕхты зӕппадзы нӕ.


Амациа йӕхи Дунедарӕгыл куы атигъ кодта, уӕд ын уый фӕстӕ Йерусалимы йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, ӕмӕ Лахишмӕ алыгъди. Фӕлӕ йын йӕ фӕдыл Лахишмӕ адӕмы арвыстой, ӕмӕ йӕ уыдон уым амардтой.


Фӕстагмӕ паддзах Амоны ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой йӕ галуаны.


Зӕрдиагӕй Мӕ куы ӕрцагурат, уӕд Мӕ ссардзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ