12 Дунедарӕджы Кувӕндоны Иоас семӕ ӕмбӕхстӕй фӕци ӕхсӕз азы. Бӕстӕйы та уыцы заман паддзахиуӕг кодта Атали.
Фӕлӕ паддзахы чызг Йошевӕ Ахазиайы чысыл лӕппу Иоасы, марынвӕнд кӕмӕн скодтой, паддзахы уыцы фыртты ’хсӕнӕй радавта, йӕ дыджызӕйы дӕр ын ракодта ӕмӕ сӕ уаты бамбӕхста. Афтӕмӕй Йошевӕ (паддзах Иорамы чызг, сауджын Йеходайы бинойнаг, Ахазиайы хо), Иоасы Аталийӕ бамбӕхста, ӕмӕ йӕ уый нӕ амардта.
Ӕвдӕм аз куы ралӕууыд, уӕд сауджын Йехода фӕныфсджын ис ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттимӕ бадзырд сарӕзта: Йерохамы фырт Азариа, Йохананы фырт Измаел, Оведы фырт Азариа, Адайайы фырт Маасеа ӕмӕ Зихрийы фырт Елишафатимӕ.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы архайдмӕ, Йе ’рмдзӕфмӕ сӕ хъус нӕ дарынц. Уый сӕ ныззыгуым кӕндзӕн, сӕхиуыл схӕцын сӕ нал бауадздзӕн.
Левиафанӕн ныппырх кодтай йӕ сӕр, хъӕддаг сырдтӕн ӕй радтай холыйӕн.
Ӕнӕхуыцӕуттӕ бӕрзонд бынатмӕ куы схизынц, уӕд адӕм бамбӕхсынц, се сӕфт куы ’рцӕуы, уӕд та рӕстудтӕ сбирӕ вӕййынц.
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
О Дунедарӕг, ау, Ды ӕнусон нӕ дӕ? Мӕ Уаз Хуыцау, Ды ӕнӕмӕлӕт дӕ! О Дунедарӕг! Ды уыдоны Дӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ рарвыстай! Мӕ Фидар Къӕдзӕх! Хъару сын радтай, цӕмӕй нӕ бафхӕрай!