2 Азфыстытӕ 22:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст11 Фӕлӕ паддзахы чызг Йошевӕ Ахазиайы чысыл лӕппу Иоасы, марынвӕнд кӕмӕн скодтой, паддзахы уыцы фыртты ’хсӕнӕй радавта, йӕ дыджызӕйы дӕр ын ракодта ӕмӕ сӕ уаты бамбӕхста. Афтӕмӕй Йошевӕ (паддзах Иорамы чызг, сауджын Йеходайы бинойнаг, Ахазиайы хо), Иоасы Аталийӕ бамбӕхста, ӕмӕ йӕ уый нӕ амардта. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |