Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 22:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йерусалимы цӕрджытӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайы, уымӕн ӕмӕ йӕ хистӕр фырттӕ ӕгас нал уыдысты. Араббӕгтимӕ цы ӕфсӕддон къорд ӕрбацыд, уый иудейӕгты хӕстон асадӕнмӕ бабырста ӕмӕ сӕ ныццагъта. Афтӕмӕй Иудейӕн паддзах сси Иорамы фырт Ахазиа.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 22:1
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

амбӕлдис иудейаг паддзах Ахазиайы ’рвадӕлтыл ӕмӕ сӕ бафарста: «Чи стут?» Дзуапп ын радтой: «Ахазиайы ’рвадӕлтӕ. Паддзахӕн йӕ цот ӕмӕ йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ цӕуӕм, куыд сты, цы сты, уый фенынмӕ».


Израилы паддзах Йорамы, Ахавы фырты, паддзахиуӕджы фӕндзӕм аз Иудейӕн паддзах сси Иосафаты фырт Иорам.


Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс.


уый фырт Иорам, уый фырт Ахазиа, уый фырт Иоас,


Йерусалимы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы, ӕмӕ йӕ паддзахиуӕг ахаста иу аз. Йӕ мад Атали уыд Амрийы фырты чызг.


уӕд ӕмбырды адӕм Хуыцауы Кувӕндоны иууылдӕр паддзахы раз фидыды ард бахордтой. Йехода сын загъта: «Паддзахиуӕг хъуамӕ кӕна паддзахы фырт, Дунедарӕг Давиды байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.


Израилы паддзах Йоаш Бет-Шемешы сахары цур уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Иоахазы фырты фырты. Йерусалиммӕ йӕ ӕрбакодта ӕмӕ Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг сахары сис фехӕлдта — цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн.


Амациайы бӕсты ӕгас Иудейы адӕм паддзахӕй расидтысты йе ’хсӕрдӕсаздзыд фырт Озиайы.


Фӕлӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнды чи архайдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иосиайы.


Иудейы дзыллӕ Йерусалимы сахары Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иоахазы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ