8 Иорамы заман Едомы цӕрджытӕ Иудейы ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн паддзах равзӕрстой.
Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар. Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ — дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».
Уӕд Едомы паддзах нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр — бӕстыхицау, Иудейы паддзахы минӕвар.
Ӕмӕ Израилы паддзах иудейаг паддзахимӕ, Едомы паддзах дӕр семӕ, афтӕмӕй уыцы дард фӕндагыл ахӕцыдысты се ’фсӕдтимӕ. Авд боны куы фӕцыдысты, уӕд сӕм нуазыны дон нал уыд сӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ хайуантӕн дӕр.
Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ Едомы цӕрджытӕ Иудейы дӕлбар нал сты. Уыцы заман Ливнӕйы сахар дӕр Иорамы хицаудзинады ныхмӕ сыстади, уымӕн ӕмӕ Иорам ферох кодта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы.
Иуахӕмы Иорам йе ’ппӕт ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ тохуӕрдӕттимӕ сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацыд. Едомӕгтӕ сыл ӕрхъула кодтой, фӕлӕ адон ӕхсӕвы семӕ схӕцыдысты ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой.
Уымӕн ӕмӕ едомӕгтӕ ногӕй ӕрбабырстой Иудеймӕ, ныддӕрӕн сӕ кодтой ӕмӕ дзы уацары дӕр райстой.