2 Уымӕн уыдис ӕхсӕз ӕфсымӕры: Азариа, Йехиел, Захариа, Азари, Михаел ӕмӕ Шефати. Уыдон се ’ппӕт дӕр уыдысты Иудейы паддзах Иосафаты фырттӕ.
Уӕд Израилы уӕздӕттӕ ӕмӕ паддзах сӕрныллӕгӕй загътой: «Раст у Дунедарӕг!»
Иорам йӕ фыды бӕсты паддзах куы сси ӕмӕ йӕ бынаты куы ’рфидар ис, уӕд йе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр амарын кодта, ноджы ма Израилы барджынтӕй кӕйдӕрты.
Уыдон Иудейыл ӕрзылдысты ӕмӕ ӕппӕт иудейаг сахартӕй левиттӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕм фӕсидтысты. Ӕмӕ уыдон Йерусалиммӕ куы ’рбацыдысты,
Бавӕрдтой йӕ Давиды сахары, паддзӕхты зӕппадзы, уымӕн ӕмӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ арӕзта Израилы, лӕггад кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ Кувӕндонӕн.
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ӕвӕстиатӕй Иудейы сахартыл ӕрзилут ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕй ӕхца ӕрӕмбырд кӕнут. Уӕ Хуыцауы Кувӕндон афӕдзӕй-афӕдзмӕ цалцӕггонд куыд цӕуа, ууыл бацархайут». Фӕлӕ левиттӕ нӕ тагъд кодтой.
Афтӕ фегад кодта Дунедарӕг Иудейы адӕмы, Израилы паддзах Ахаз се ’нӕуаг митыл кӕй бафтыдта ӕмӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нал уыди, уый тыххӕй.
Уый хаста нывӕндтӕ Дамаскы хуыцӕуттӕн, афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ уыдон басастой. Уый дзырдта: «Сирийы паддзӕхтӕн сӕ хуыцӕуттӕ ӕххуыс кӕнынц. Цӕй ӕмӕ сын ӕз дӕр нывӕндтӕ хӕссон, кӕд мӕнӕн дӕр баххуыс кӕниккой». Фӕлӕ йын уыдон йӕхи дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмы дӕр ӕрмӕстдӕр сӕфтмӕ ӕркодтой.
Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой Йерусалимы, ӕцӕг ӕй Израилы паддзӕхты зӕппӕдзтӕм нӕ бахастой. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Езекиа.
Менассиайы иннӕ хабӕрттӕ, йӕ куывд Хуыцаумӕ ӕмӕ, Дунедарӕджы номӕй йӕм цы зонынджынтӕ сидти, уыдоны ныхӕстӕ фыст сты «Израилы паддзӕхты чиныджы».
Пехуымпар Самуелы заманӕй фӕстӕмӕ Израилы ахӕм Куадзӕн никуыуал уыд. Израилы паддзӕхтӕй иу дӕр Куадзӕн Иосиайы хуызӕн никуы сбӕрӕг кодта: сауджынтӕ ӕмӕ левиттимӕ, Иудей ӕмӕ Израилы адӕмӕй уым чи уыдис, уыдонимӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытимӕ.