Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 21:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Бонӕй-бонмӕ фыддӕр кодта, ӕмӕ йыл афтӕмӕй дыууӕ азы куы рацыд, уӕд иуахӕмы йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракалдысты, ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕртты фӕстӕ йӕ уд систа. Адӕм-иу ын йӕ фыдӕлты кадӕн сӕ амӕлӕты фӕстӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ басыгътой, фӕлӕ уый ахӕм кады аккаг не скодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 21:19
4 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕхицӕн Давиды сахары цы зӕппадз ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕй бавӕрдтой. Йӕ хуыссӕнуат ын алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕй байдзаг кодтой. Йӕ ныгӕнӕн бон ын йӕ номыл басыгътой тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.


Дӕхиуыл та дын сау низ бафтаудзӕн, ӕмӕ дын уыцы низ дӕ хуылф хӕрдзӕни, цалынмӕ дӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕддӕмӕ ракӕлой, уӕдмӕ».


Уӕззау цӕфӕй йӕ куы ныууагътой, уӕд паддзахы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд сарӕзтой, сауджын Йеходайы фырты кӕй амарын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ амардтой йӕ сынтӕджы. Йӕ мард ын бавӕрдтой Давиды сахары, ӕрмӕст паддзӕхты зӕппадзы нӕ.


сабыр зӕххыл дӕ мӕлӕт ссардзынӕ. Дӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ, дӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзӕхтӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд сыгътой, афтӕ дӕ номыл дӕр буд ссудздзысты ӕмӕ, додой, нӕ хицау, зӕгъгӕ, хъарӕг кӕндзысты.“ Уый Ӕз рагацау Мӕхӕдӕг, — зӕгъы Дунедарӕг».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ