Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 21:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой ӕмӕ йӕ бацахстой, паддзахы галуан ныххӕлӕттаг кодтой. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йын йӕ устыты акодтой уацары. Йӕ фырттӕй йын, йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайӕ фӕстӕмӕ, уым никӕйуал ныууагътой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 21:17
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

амбӕлдис иудейаг паддзах Ахазиайы ’рвадӕлтыл ӕмӕ сӕ бафарста: «Чи стут?» Дзуапп ын радтой: «Ахазиайы ’рвадӕлтӕ. Паддзахӕн йӕ цот ӕмӕ йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнынмӕ цӕуӕм, куыд сты, цы сты, уый фенынмӕ».


Йерусалимы цӕрджытӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайы, уымӕн ӕмӕ йӕ хистӕр фырттӕ ӕгас нал уыдысты. Араббӕгтимӕ цы ӕфсӕддон къорд ӕрбацыд, уый иудейӕгты хӕстон асадӕнмӕ бабырста ӕмӕ сӕ ныццагъта. Афтӕмӕй Иудейӕн паддзах сси Иорамы фырт Ахазиа.


ӕмӕ ӕрбаздӕхти Изреелмӕ, Сирийы паддзах Хазаелы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, Рамоты сахары цы цӕфтӕ райста, уыдонӕй йӕхи сдзӕбӕх кӕнынмӕ. Ахавы фырт Йораммӕ йӕ рынчыны заман Изреелмӕ бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыд Иудейы паддзах Ахазиа, Иорамы фырт.


Ӕнӕхуыцау Атали ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы хӕдзар куы сафтид кодтой ӕмӕ йын суанг йӕ уаз мигӕнӕнтӕй дӕр, Баалтӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, куы спайда кодтой!»


Израилы паддзах Йоаш Бет-Шемешы сахары цур уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Иоахазы фырты фырты. Йерусалиммӕ йӕ ӕрбакодта ӕмӕ Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг сахары сис фехӕлдта — цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн.


уымӕн ӕмӕ Мын Ме ’взист ӕмӕ Мӕ сыгъзӕрин, Мӕ хӕзнатӕ, бахастат уӕ галуантӕм.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ