Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 21:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дунедарӕг Иорамы ныхмӕ сыстын кодта филистимӕгтӕ ӕмӕ араббӕгты, эфиопӕгтӕм хӕстӕг чи царди, уыдоны.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 21:16
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы маст та ссыгъди израилӕгтӕм ӕмӕ сын Давиды сӕ ныхмӕ сардыдта. Загъта йын: «Цу ӕмӕ банымай Израил ӕмӕ Иудӕйы».


Уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Афтӕ кӕй кӕныс, не ’хсӕн цы фидыд уыд, уый кӕй фехӕлдтай ӕмӕ дын цы уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон кӕй не ’ххӕст кӕныс, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ паддзахдзинад байсдзынӕн ӕмӕ йӕ дӕ цагъарӕн ратдзынӕн.


Дунедарӕг Соломонӕн йӕ ныхмӕ сардыдта йе знаджы: Едомы паддзӕхты мыггаджы байзӕддаг Хадады.


Хуыцау Соломоны ныхмӕ сардыдта Елйадайы фырт Резоны дӕр. Уый алыгъд йӕ паддзахӕй — Цовайы паддзах Адад-Езерӕй,


Филистимӕгтӕй чидӕртӕ Иосафатӕн хастой лӕвӕрттӕ, хъалоны охыл — ӕвзист. Араббӕгтӕ йын ӕрбатардтой лыстӕг фосы дзугтӕ: авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ фыры, стӕй авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ цӕуы.


Йерусалимы цӕрджытӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй сӕвӕрдтой йӕ кӕстӕр фырт Ахазиайы, уымӕн ӕмӕ йӕ хистӕр фырттӕ ӕгас нал уыдысты. Араббӕгтимӕ цы ӕфсӕддон къорд ӕрбацыд, уый иудейӕгты хӕстон асадӕнмӕ бабырста ӕмӕ сӕ ныццагъта. Афтӕмӕй Иудейӕн паддзах сси Иорамы фырт Ахазиа.


Филистимӕгтимӕ, стӕй Гур-Баалы цӕрӕг араббӕгтӕ ӕмӕ меунӕгтимӕ куы хӕцыди, уӕд ын Хуыцау ӕххуыс кодта.


Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:


Уыйадыл Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, Хуыцау кӕй сразӕнгард кодта, уыдонӕй алчидӕр ацыд ӕмӕ февнӕлдта, Йерусалимы чи ис, Дунедарӕджы уыцы хӕдзар аразынмӕ.


уымӕн ӕмӕ Мын Ме ’взист ӕмӕ Мӕ сыгъзӕрин, Мӕ хӕзнатӕ, бахастат уӕ галуантӕм.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Газӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, уацары кӕй райстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой.


Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?


Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ