Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 21:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уый нӕ, фӕлӕ ацыдтӕ израилаг паддзӕхты фӕндӕгтыл, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдтай, Ахавы хӕдзарвӕндаджы бафӕзмыдтай. Ды амардтай дӕ хӕрз ӕфсымӕрты, дӕуӕй хуыздӕр чи уыди, уыдоны.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 21:13
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амри дӕр кодта, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ. Йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй ноджы фыддӕр фыдгӕнӕг разынд.


Йорам Йегуйы куы ауыдта, уӕд ӕй бафарста: «Куыд сты хабӕрттӕ?» Йегу йын афтӕ: «Куыд хъуамӕ уой, дӕ мад Иезавел кӕйдӕр хуыцӕуттӕм куы кува ӕмӕ йӕхи ӕдзух дӕсныфӕрсӕнтыл куы ирхӕфса, уӕд?»


Суанг ма Иудейы хӕхтыл кувӕн къуыбыртӕ дӕр сарӕзта, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕуаг митыл бафтыдта, раст фӕндагӕй сӕ аздӕхта.


Уый тыххӕй дын Дунедарӕг дӕ адӕм, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ устыты, стӕй де ’ппӕт исбон дӕр Йӕ азары хай бакӕндзӕн.


Иорам йӕ фыды бӕсты паддзах куы сси ӕмӕ йӕ бынаты куы ’рфидар ис, уӕд йе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр амарын кодта, ноджы ма Израилы барджынтӕй кӕйдӕрты.


Йе ’наккаг митӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг уыдис Ахавы чызг. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта.


Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут.


Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.


«Додой йӕ къона, йӕ сахар туг ӕмӕ фыдмитыл чи аразы, уымӕн!»


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ