Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 „Исты бӕллӕх ныл куы ’рцӕуа — хӕст, рын кӕнӕ стонг заман, — уӕд ӕрлӕудзыстӕм ацы Кувӕндоны раз, Дӕ разы, уымӕн ӕмӕ ацы Кувӕндоны Дӕ ном цӕры. Ӕмӕ Дӕм уынгӕг заманы куы скувӕм, уӕд нӕ Ды фехъусдзынӕ ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕндзынӕ“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:9
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фехъус Дӕ цагъары ӕмӕ Дӕ адӕм Израилы куывд! Ацы бынатмӕ не ’ргом саразгӕйӕ-иу Дӕм куы скувӕм, уӕд-иу нын Дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй, фехъус нӕ куывд ӕмӕ-иу нын нӕ азым ныббар!


Дӕ адӕм, Израил, Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын сты ӕмӕ уый тыххӕй фыдгулы амӕттаг баисты, зӕгъгӕ, уӕд куы ӕрфӕсмон кӕной, се ’ргом Дӕм куы раздахой ӕмӕ Дын ацы Кувӕндоны Дӕ номӕн кад куы скӕной, кувын, лӕгъстӕ кӕнын Дӕм куы райдайой,


Зӕххыл хус дымгӕ, зайӕгойты низ, мӕтыхтӕ ӕмӕ къуыдыргалм тыллӕг куы бабын кӕной ӕмӕ стонг заман куы скӕна, ноджы ма адӕм емынӕ ӕмӕ ӕндӕр низты амӕттаг куы бауой кӕнӕ сӕм фыдгул куы бабырса,


Ӕрцардысты дзы ӕмӕ дзы Дӕ номыл Кувӕндон сарӕзтой. Уыдон загътой:


Ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕ цӕст ма ис ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар-иу, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы кува, уӕд-иу ӕй фехъус.


„Мӕ адӕмы Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй дзы Мӕ номыл Кувӕндон саразон, стӕй мӕ адӕмӕн хицауӕй дӕр никӕй сӕвзӕрстон.


Цалынмӕ Езра, зӕххыл ныддӕлгом ис, афтӕмӕй Хуыцауы раз куыдта ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта, уӕдмӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — израилӕгтӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — ӕмӕ уыдон дӕр куыдтой ӕмӕ дзынӕзтой.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


сӕумӕрайсом стауын Дӕ хорзӕх, ӕхсӕвыгон — Дӕ иузӕрдиондзинад,


Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.


Нымайут ӕй ӕмӕ йӕм хъусут. Йӕ ныхмӕ ма рацӕут — нӕ уын ныббардзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг цӕры Мӕ ном.


Уымӕн ӕмӕ, Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ