Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕрцардысты дзы ӕмӕ дзы Дӕ номыл Кувӕндон сарӕзтой. Уыдон загътой:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:8
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.


О нӕ Хуыцау, Дӕ адӕм Израилы цурӕй Ды ацы зӕххӕн йӕ раздӕры цӕрджыты дӕр куы фӕсырдтай ӕмӕ уыцы зӕхх Дӕ лымӕн Авраамы байзӕддӕгтӕн куы саккаг кодтай!


„Исты бӕллӕх ныл куы ’рцӕуа — хӕст, рын кӕнӕ стонг заман, — уӕд ӕрлӕудзыстӕм ацы Кувӕндоны раз, Дӕ разы, уымӕн ӕмӕ ацы Кувӕндоны Дӕ ном цӕры. Ӕмӕ Дӕм уынгӕг заманы куы скувӕм, уӕд нӕ Ды фехъусдзынӕ ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕндзынӕ“.


Ӕмӕ ныр Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ дзырд. Куыд загъта, афтӕ ӕз ӕрбадтӕн мӕ фыды бынаты, Израилы паддзахы къӕлӕтджыны, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, Йӕ номыл Кувӕндон сарӕзтон.


„Мӕ адӕмы Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй дзы Мӕ номыл Кувӕндон саразон, стӕй мӕ адӕмӕн хицауӕй дӕр никӕй сӕвзӕрстон.


Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


Ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕг Израилы адӕмӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын ард кӕмӕй бахордта, уыцы зӕххытӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ