4 Иудейӕгтӕ алы сахартӕй ӕрӕмбырд сты Дунедарӕгӕй ӕххуыс курынмӕ, Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ.
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ.
Иудейы алы фидаргонд сахары дӕр сӕвӕрдта тӕрхоны лӕгтӕ.
Иосафат Дунедарӕджы хӕдзары ног кӕрты Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты раз ӕрлӕууыд
ӕмӕ Мӕ адӕм, Мӕ ном чи хӕссы, уыдон, сӕрныллӕгӕй куы кувой, куы Мӕ агурой ӕмӕ сӕ фыдвӕндӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд сӕ Ӕз фехъусдзынӕн уӕларвӕй, сӕ тӕригъӕд сын ныббардзынӕн ӕмӕ сын сӕ зӕхх сӕнӕниз кӕндзынӕн.
Уыйадыл уым, Ахавайы цӕугӕдоны был, ӕз комдарӕн расидтӕн, нӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ Йӕм скуывтон, цӕмӕй нӕ ӕд исбон рӕствӕндаг фӕкӕна нӕ цотимӕ.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
Уый мын Йе ’ххуыс ӕрӕрвитдзӕн уӕларвӕй ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕндзӕн, фегад кӕндзӕн Мӕ фӕдылзилджыты. Хуыцау мыл ӕруадздзӕни Йӕ хорзӕх, Йе ’цӕгады фарн.
Комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый. Ацы бӕстӕйы хистӕрты ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзары ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ кувут хъӕрӕй!»
Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут.
О ӕдзӕсгом адӕм! Тыхстызмӕлд кӕнут,