Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Иосафаты хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты Хананийы фырт Йегуйы азфыстыты ӕмӕ хаст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныгмӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:34
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йоровамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йӕ хӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ, паддзахиуӕг куыд кодта, уыдӕттӕ, фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Иуахӕмы Дунедарӕг Хананийы фырт Йегуйӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй Баасайӕн зӕгъа:


Ацы рагуац ныхас Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хананийы фырт Йегу загъта Бааса ӕмӕ йӕ мыггаджы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Бааса, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдӕттӕ кодта, Йӕ хъуыддӕгтӕй Йӕ ӕфхӕрдта, Йоровамы тӕригъӕдтӕ кӕй фӕзмыдта, стӕй ма ноджы Йоровамы мыггаг кӕй ныццагъта, уый тыххӕй.


Йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Роховамы хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст ӕрцыдысты пехуымпар Шемайа ӕмӕ зонынджын Иддойы азфыстыты, йӕ хӕдзарвӕндаджы хабӕртты чиныджы. Цӕрӕнбонты Роховам хӕцыди Йоровамимӕ.


Авийайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгты тыххӕй, стӕй йӕ ныхӕстӕ бакӕсӕн ис пехуымпар Иддойы фыст таурӕгъы.


Асайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».


Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Амациайы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр, райдианӕй кӕронмӕ, фыст ӕрцыдысты «Иудей ӕмӕ Израилы паддзӕхты чиныджы».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ