32 Иосафат цыди йӕ фыд Асайы фӕндагыл, иуӕрдӕм дзы никуы фӕзылди, Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта.
Аса, йӕ фыдӕл Давидау, арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ.
Кӕд Израилы зӕххыл кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, уӕддӕр цӕрӕнбонты тынг ӕнувыд уыди Дунедарӕгыл.
Иосафат Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фондз ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Шилхийы чызг Азувӕ.
Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн бынтон зӕрдиагӕй кад нӕма кодтой.
Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз; цӕр зӕххыл иузӕрдионӕй.