29 Бӕстӕйы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны цӕрджыты стыр тас бацыди, Дунедарӕг Израилы фыдгулты ныхмӕ Йӕхӕдӕг хӕцыд, уый куы фехъуыстой, уӕд.
Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой.
Уый Дунедарӕг сириӕгты хъустыл ауайын кодта ӕнӕнымӕц ӕфсады уынӕр, тохуӕрдӕтты гыбар-гыбур ӕмӕ бӕхты мыр-мыр. Бакатай кодтой сириӕгтӕ: «Израилы паддзах нын хеттаг ӕмӕ мысыраг паддзӕхты ӕфсӕдтӕ нӕ ныхмӕ баххуырста, ӕндӕр ницы».
Аса сӕ йӕ адӕмимӕ суанг Герары онг фӕсырдта. Цагъды фесты эфиопӕгтӕ, иунӕг дӕр сӕ нал аирвӕзт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йе ’фсад рацыдысты сӕ ныхмӕ. Иудейӕгтӕ ратӕлӕт кодтой ӕнӕнымӕц ӕфтиаг.
Герары алыварс цы сахартӕ уыди, уыдонӕн сӕ мулк хӕлӕттаг фӕкодтой ӕмӕ семӕ бирӕ ӕфтиӕгтӕ рахастой, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цӕрджыты стыр тас бауагъта.
Иудейы алыварс цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоныл Дунедарӕджы раз тас бахӕцыд, ӕмӕ сӕ ныфс нӕ хастой Иосафаты ныхмӕ схӕцынмӕ.
Дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ ӕмӕ сӕ ных Дунедарӕджы Кувӕндоны ’рдӕм сарӕзтой.
Ау, Дунедарӕг мыл мыггагмӕ атигъ кодта Йӕхи, Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ никуыуал скӕндзӕн?
Ӕрсабыр ут! Уӕ бӕсты Дунедарӕг хӕцы семӕ!»
Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ».
Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн Мӕ азар, ӕмӕ-иу цы адӕмтӕм бацӕуат, уыдонӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, уӕ фыдгултӕ-иу лидзӕг фӕуыдзысты.
Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм цӕрӕг амораг паддзӕхтӕ ӕмӕ денджызы фарсмӕ цӕрӕг ханаанаг паддзӕхтӕ фехъуыстой, израилӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы хызтысты, уӕд сын Дунедарӕг сӕ развӕндагыл цӕугӕдон куыд байсысын кодта, уый, ӕмӕ тас бацыди сӕ зӕрдӕты, нал сӕм уыди израилӕгты ныхмӕ ӕрлӕууыны ныфс.