Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уый фӕстӕ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Иосафат сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, цингӕнгӕйӕ, ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕрцы се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:27
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цыппӕрӕм бон иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Арфӕйы дӕлвӕзы, уымӕн ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн арфӕ ракодтой. Уымӕ гӕсгӕ уыцы дӕлвӕз ныронг дӕр хонынц «Арфӕйы дӕлвӕз».


Дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой, афтӕмӕй ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ ӕмӕ сӕ ных Дунедарӕджы Кувӕндоны ’рдӕм сарӕзтой.


Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.


Уый Дӕуӕй куырдта цард, ӕмӕ йын Ды бирӕ цӕрӕнбон радтай ӕнусмӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.


Дунедарӕг сӕрибар кӕмӕн радта, уыдон здӕхдзысты уыцы фӕндагыл Сионмӕ. Азӕлдзӕн дардыл сӕ цинхъӕр, мыггагмӕ сӕ цӕстытӕй ивылдзӕн цин. Алцӕмӕй уыдон уыдзысты райгонд, ферох кӕндзысты сӕ хъыг ӕмӕ маст.


Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кӕна, уыдон цингӕнгӕ ӕрбаздӕхдзысты Сионмӕ, ӕнусон цин ӕнхъӕвздзӕни сӕ сӕрмӕ. Цинӕй райдзысты, мӕт ӕмӕ хъынцъымӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.


Адӕмы фӕтӕг семӕ хъуамӕ уа. Адӕм куы бацӕуой, уӕд-иу бацӕуӕд уый дӕр, куы рацӕуой, уӕд та-иу уый дӕр рацӕуӕд.


Цӕлхдуртӕ пырхгӕнӕг ацӕудзӕни сӕ разӕй, ӕмӕ, сӕ фӕндагыл цы бырутӕ уа, уыдон ныппырх кӕндзысты, кулдуары уылты ахиздзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр рацӕудзысты. Сӕ паддзах сӕ разӕй цӕудзӕн, сӕ сӕргъы та уыдзӕни Дунедарӕг.


Мелхиседекы хуызӕн Алчер мыггагмӕ Чи сси, уыцы Йесо нӕ сӕраппонд фӕндагамонӕгӕй кӕдӕм бацыди, уырдӕм.


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ