Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Цыппӕрӕм бон иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Арфӕйы дӕлвӕзы, уымӕн ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн арфӕ ракодтой. Уымӕ гӕсгӕ уыцы дӕлвӕз ныронг дӕр хонынц «Арфӕйы дӕлвӕз».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:26
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бынат схуыдта Вефил, раздӕр та сахары ном уыди Луз.


Уӕ ныхасыл ма-иу ӕнӕмӕнг бафтаут: „Дӕ цагъар Йаков йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“». Афтӕ хъуыды кодта: «Йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ фӕцӕуы, уыдонӕй, ӕмӕ йӕм мӕхи куы равдисон, уӕд мын, чи зоны, ныббара».


Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид Дунедарӕджы кадӕн скодта ацы зарӕг.


сӕ хистӕр — Ахиезер, стӕй Йоаш, гевӕйаг Шемайы фырттӕ; Йезиел ӕмӕ Пелет, Азмаветы фырттӕ; Бераха, анатотаг Йегу;


Иосафат ӕмӕ сӕм йӕ адӕм ныццыдысты ӕфтиаг ӕрӕмбырд кӕнынмӕ, ӕмӕ сӕм бирӕ мулк разынди, уӕлӕдарӕсӕй, зынаргъ дзаумайӕ. Уый бӕрц ӕфтиаг сӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ йӕ сӕ бон ахӕссын дӕр нӕ уыд, ӕртӕ боны йӕ фӕхастой.


Уый фӕстӕ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Иосафат сӕ сӕргъы, афтӕмӕй, цингӕнгӕйӕ, ӕрбаздӕхтысты Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕрцы се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты.


Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын, Рухсмонуаты раз ӕрлӕугӕйӕ, сӕ кӕрӕттӕ фенӕн уыди, фӕлӕ хӕдзары ӕдде нӕ зындысты. Абоны онг дӕр сӕ бынат уыцы ран ис. Фидыды Чырынӕн йӕ мидӕг дыууӕ къӕйдурӕй уӕлдай ницы уыди. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ фидыд куы сарӕзта, уӕд сӕ Моисей Хоревы хохыл Чырыны нывӕрдта.


Моисей сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Йахве-Нисси.


Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал нымайдзысты дзӕгъӕл сахарыл, дӕ зӕхх дӕр дын нал схондзысты «ӕдзӕрӕг быдыр». Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕхи хондзысты «Хуыцауы уарзон», дӕ зӕхх та — «моймӕдзыд»! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ, ӕмӕ Йын дӕ зӕхх суыдзӕни бинойнагау.


«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.


Хабар Йерусалимы цӕрджытыл айхъуыст, ӕмӕ уыцы бынат схуыдтой „Акелдама“, ома „Тугӕйдзаг зӕхх“.


Самуел Мицпа ӕмӕ Шены ӕхсӕн ныссагъта дур ӕмӕ йӕ схуыдта Евен-Езер. Загъта: «Ацы бынаты онг нын Дунедарӕг ӕххуыс кодта».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ