Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Иудейӕгтӕ уӕлкъуыбырмӕ куы схӕццӕ сты, ӕдзӕрӕг быдырыл афӕлгӕсӕн кӕцӕй уыдис, уырдӕм, уӕд дзы, сӕ фыдгулты мӕрдты йеддӕмӕ, ницыуал федтой. Иунӕг дӕр дзы нал аирвӕзт.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:24
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.


Цагъды дӕр сӕ бирӕ фӕци, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон уыд ацы хӕст. Адон та сын сӕ цӕрӕнты фӕцардысты, цалынмӕ сын сӕхи дӕр уацары нӕ атардтой, уӕдмӕ.


Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕм бабырстой ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой, уый фӕстӕ та сӕ кӕрӕдзийы ныццагътой.


Иосафат ӕмӕ сӕм йӕ адӕм ныццыдысты ӕфтиаг ӕрӕмбырд кӕнынмӕ, ӕмӕ сӕм бирӕ мулк разынди, уӕлӕдарӕсӕй, зынаргъ дзаумайӕ. Уый бӕрц ӕфтиаг сӕм ӕрӕмбырд ис, ӕмӕ йӕ сӕ бон ахӕссын дӕр нӕ уыд, ӕртӕ боны йӕ фӕхастой.


Ӕмӕ ма уыдӕтты фӕстӕ, ау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ногӕй халдзыстӕм ӕмӕ уыцы ӕлгъаг адӕмтимӕ хӕстӕгиуӕг кӕндзыстӕм? Ӕмӕ нӕм уӕд бындзагъд ныккӕныны онг не смӕсты уыдзынӕ, аирвӕзӕг дӕр нӕ куыннӕуал уа ӕмӕ нын аирвӕзӕн дӕр куыннӕуал уа, афтӕ?


Йӕ хъуыддӕгты Йӕ адӕмӕн равдыста Йӕ хъару — муртаттӕгты бӕстӕ сын сӕ хай бакодта.


Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти.


Афтӕ Дунедарӕг уыцы бон израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй. Израилӕгтӕ денджызы был мысырӕгты мӕрдтӕ куы федтой,


Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.


сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме ’ргом аздӕхтон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ