23 Аммонӕгтӕ ӕмӕ моавӕгтӕ Сеиры хӕхбӕсты цӕрджытӕм бабырстой ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой, уый фӕстӕ та сӕ кӕрӕдзийы ныццагътой.
хорӕгты та — Сеиры хӕхбӕсты, фӕсырдтой сӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕронмӕ, Ел-Параны сахары онг.
Иудейӕгтӕ уӕлкъуыбырмӕ куы схӕццӕ сты, ӕдзӕрӕг быдырыл афӕлгӕсӕн кӕцӕй уыдис, уырдӕм, уӕд дзы, сӕ фыдгулты мӕрдты йеддӕмӕ, ницыуал федтой. Иунӕг дӕр дзы нал аирвӕзт.
Иорамы заман Едомы цӕрджытӕ Иудейы ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхицӕн паддзах равзӕрстой.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз мысырӕгты кӕрӕдзиуыл сардаудзынӕн, ӕмӕ схӕцдзысты ӕфсымӕр ӕфсымӕримӕ, сыхаг сыхагимӕ, сахар сахаримӕ, паддзахад паддзахадимӕ.
Ме ’ппӕт хӕхты чи цӕры, уыдоны дӕр Гогы ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн кӕрдтимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — йӕ хӕстонтӕ сӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ сласдзысты.
паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.
семӕ схӕцынӕй, уымӕн ӕмӕ уын сӕ зӕххӕй уылынджы йас дӕр нӕ ратдзынӕн — Сеиры хӕхбӕстӕ Ӕз схай кодтон Исавӕн.
Исаакӕн радтон Йаковы ӕмӕ Исавы. Исавӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радтон Сеиры хох, Йаков ӕмӕ йӕ фырттӕ та Мысырмӕ ацыдысты.
Ӕртӕсӕдӕ хӕстоны сыкъауадындзтӕй куы ныууасыдысты, уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ мидианӕгтӕ сӕ хъаматӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ систой. Сӕ хӕстонтӕ фӕлыгъдысты суанг Бет-Шиттӕйы онг, Церерӕйы ’рдӕм, Таббатмӕ хӕстӕг сахар Авел-Мехолӕмӕ.
Саул ӕмӕ йӕ адӕм ныхъхъӕр кодтой ӕмӕ хӕцӕнмӕ абырстой. Ӕмӕ дын мӕнӕ филистимӕгтӕ сӕ кӕрдтӕ куы сласиккой кӕрӕдзимӕ. Фыд азар сыл бафтыд.