Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Иосафат адӕмимӕ бауынаффӕ кодта ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕфсады разӕй цӕуой ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕн зарой, стауой Йын Йӕ уаз стырад: «Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:21
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут, бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ. Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы!


Арфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ Уый хорзӕхджын у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Уыдонимӕ ма уыдысты Хеман ӕмӕ Йедутун, стӕй иннӕ ӕвзӕрст лӕгтӕ. Сӕ хӕс уыди Дунедарӕджы стауын, афтӕ дзургӕйӕ: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!»


Къуырийы дӕргъы Израилы адӕм, Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон, тынг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Левиттӕ ӕмӕ сауджынтӕ Дунедарӕгӕн алы бон дӕр кады зарджытӕ кодтой, Дунедарӕджы стауынӕн цы зӕлуадзӕнтӕ сарӕзтӕуыд, уыдонӕй цӕгъдгӕйӕ.


Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.


Израилӕгтӕ, арвӕй арт ӕрцыд, Кувӕндон та Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис, уый куы федтой, уӕд дурын астӕрдыл ныддӕлгом сты. Дунедарӕгмӕ бакуывтой ӕмӕ Йӕ стыдтой: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!»


Сауджынтӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ, левиттӕ дӕр сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты, кӕддӕр Давид Дунедарӕджы стауынӕн кӕй саразын кодта, уыцы зӕлуадзӕнтимӕ. Уыдон дӕр ӕй Давидау стыдтой: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Сауджынтӕ сӕ разы хӕтӕлтӕй цагътой, Израилы адӕм та уырдыг лӕууыдысты уыцы ран.


Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, стаут Ӕй, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, мыггагмӕ нӕ буц кӕны Йӕ хорзӕхтӕй!


Иу дзырд, иу ныхас, иунӕг мыр нӕ хъуысы,


Стауын Дӕ, Дунедарӕг — ингӕнӕй мӕ сластай, ме знӕгты мыл уӕлахиз кӕнын нӕ бауагътай.


Давид ӕмӕ Вирсавийы ӕрӕмуаты фӕстӕ Давидмӕ пехуымпар Натан куы бацыди, уӕд.


Уымӕн ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, ӕгас зӕххӕй бӕрзонддӕр, ӕппӕт хуыцӕуттӕй уӕлдӕр дӕ!


Ӕнӕ зондамындӕй адӕм фесӕфынц, фӕлӕ, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым сӕ уӕлахиз — цӕттӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ