Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уый фӕстӕ левиттӕ, Кехат ӕмӕ Корахы хӕдзарвӕндӕгтӕй, сыстадысты ӕмӕ бӕрзонд хъӕлӕсӕй стауын райдыдтой Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:19
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцауы кадӕн Хеман ӕмӕ Йедутун зарыдысты; хӕтӕлтӕй, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕндӕр цӕгъдӕнтӕй цагътой. Йедутуны фырттӕ та уыдысты дуаргӕстӕ.


Асаф уыд сӕ хистӕр, йӕ дӕле — Захариа, иннӕтӕ — Йаазиел, Шемирамот, Йехиел, Маттитиа, Елиав, Бенайа, Овед-Едом ӕмӕ Йеиел. Адон цагътой дыууадӕстонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртӕй, Асаф — ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй,


дуаргӕстӕй — цыппар мины, Дунедарӕджы кадӕн цӕгъдӕнтӕй ифтонг зарӕггӕнджытӕй дӕр — цыппар мины. Давид сӕ Дунедарӕджы стауыны охыл саразын кодта.


Иосафат ныддӕлгом ис Дунедарӕджы раз, иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ дӕр иууылдӕр зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын бакуывтой.


Сӕумӕцъӕхӕй Текоайы ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм сӕ фӕндаг адардтой. Куы рацӕйцыдысты, уӕд Иосафат сыстади ӕмӕ загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ӕууӕндут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ӕмӕ нӕ фӕцуддзыстут! Ӕууӕндут Ын Йӕ пехуымпартыл ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзыстут!»


Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.


Йешуа, Бани, Кадмиел, Шеваниа, Бунни, Шеревиа, Бани ӕмӕ Кенани левитты бӕрзонд лӕууӕнмӕ схызтысты ӕмӕ хъӕр кодтой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.


Асафы псалом. Хуыцӕутты Хуыцау, Дунедарӕг, райдыдта Йӕ ныхас, дун-дунемӕ сиды скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ.


Асафы псалом. Хуыцау сыстади хуыцӕутты ӕмбырды ӕмӕ се ’хсӕн рахаста Йӕ тӕрхон:


Корахы фырттӕ: Ассир, Елкана, Авиасаф. Адонӕй рацыдысты Корахы артӕй уӕрст мыггӕгтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ