Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 20:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 ӕмӕ уый загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм иууылдӕр, иудейӕгтӕ, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ паддзах Иосафат! Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕй ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Уымӕн ӕмӕ уый сымах нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хӕст у.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 20:15
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фидар фӕлӕуут, ма фӕтасут! Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис. Уый уыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн».


Уадз ӕмӕ мӕнӕ ацы дзыллӕ дӕр, Израилы адӕм, базоной, Дунедарӕг кард ӕмӕ арцы руаджы кӕй нӕ дӕтты уӕлахиз, уый. Ныр Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцы ӕмӕ уӕ ратдзӕни нӕ къухтӕм».


Дунедарӕг Йӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзӕн, демӕ уыдзӕн. Йӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ма тӕрс, ма фӕтас!»


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хӕстмӕ уемӕ цӕуы, цӕмӕй уе знагыл фӕуӕлахиз уат“.


Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!


Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс, уымӕн ӕмӕ сӕ райсом ацафон иууылдӕр ныццӕгъдын кӕндзынӕн израилӕгтӕн. Ды-иу сын фӕсхӕст сӕ бӕхты счъилты нуӕрттӕ адзӕнгӕл лас, сӕ хӕстон уӕрдӕттыл та сын арт бафтау».


Ӕркастӕн сӕм ӕмӕ сын сӕ номдзыддӕртӕн ӕмӕ сӕ хицӕуттӕн, стӕй иннӕ адӕмӕн загътон: «Ма тӕрсут фыдгулӕй! Рох уӕ ма уӕд цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг Дунедарӕг, афтӕмӕй схӕцут уе ’фсымӕртӕ, уӕ лӕппутӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ устытӕ ӕмӕ уӕ хӕдзӕртты сӕраппонд!»


Райсом рацӕудзыстут сӕ ныхмӕ. Уыдон ныр Цицы ’фцӕгыл ссӕуынц, ӕмӕ сӕ дӕлвӕзы кӕрон, Йеруелы ӕдзӕрӕг быдыр кӕм райдайы, уым ссардзыстут.


Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.


Хӕстонтӕ рӕсӕнуаты алыварс лӕууыдысты, фӕлӕ сӕ бынӕттӕй не змӕлыдысты. Рӕсӕнуаты цы адӕм уыди, уыдон схъомпал сты, хъӕр-хъӕлӕба систой ӕмӕ лидзӕг фесты.


Уӕд иу пехуымпар бацыд Израилы паддзах Ахавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уыныс уыцы ӕнӕнымӕц бардз? Тӕккӕ абон дын ӕй дӕ къухтӕм дӕттын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Исайа сын загъта: «Уӕ хицауӕн зӕгъут, Дунедарӕг дын, зӕгъ, фӕдзӕхсы, Ассирийы паддзахы дӕлдӕртӕ Мӕн цы ныхӕстӕй фаудтой, уыдонӕй ма тӕрс.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ