9 цӕмӕй мын бирӕ хъӕдӕрмӕг ӕрцӕттӕ кӕной. Уымӕн ӕмӕ, ӕз цы Кувӕндон аразын, уый хъуамӕ уа стыр ӕмӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд.
Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн дӕр-иу йӕ цурты чи рацӕуа, уый-иу сагъдауӕй аззайдзӕн, стӕй-иу фехситт кӕндзӕн ӕмӕ бафӕрсдзӕн, ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг цӕй тыххӕй афтӕтӕ бакодта, зӕгъгӕ.
Дӕ хъӕддзаутӕн дын ӕз ратдзынӕн ссӕдз мин коры мӕнӕу, иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор, стӕй ссӕдз мин баты сӕн ӕмӕ иу уый бӕрц та — оливӕйы сой».
Цы Кувӕндон аразын, уый стыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау дӕр стыр у — ӕппӕт хуыцӕуттӕй стырдӕр.
Ливанӕй мын ӕрбарвит кедртӕ, кипаристӕ ӕмӕ зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг. Дӕ кусджытӕ ливайнаг бӕлӕстӕ калынмӕ хорз арӕхсынц, уый зонын, ӕмӕ сӕм мӕ кусджытӕ дӕр фӕкӕсдзысты,
Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн-иу йӕ цурты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ фӕрсдзӕн: „Ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг афтӕ цӕй тыххӕй бакодта?“