Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 2:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 2:4
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ, зӕгъын, Кувӕндон саразон Дунедарӕгӕн, Мӕ Хуыцауӕн. Кӕддӕр Дунедарӕг уый кой ракодта мӕ фыд Давидӕн дӕр, зӕгъгӕ, Мӕ номыл Мын хӕдзар сараздзӕни дӕ фырт, дӕ фӕстӕ дын дӕ къӕлӕтджыны кӕй сбадын кӕнон, уый.


Дунедарӕг ын загъта: «Ӕхсызгон Мын у, Мӕ номыл Кувӕндон саразынмӕ кӕй хъавыс, уый,


Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, Дунедарӕгӕн цы хӕдзар аразын хъӕуы, уый та стыр диссаг хъуамӕ уа, ӕппӕт дунейыл йӕ ном ӕмӕ йӕ ӕрдхӕрӕны рӕсугъды кой кӕмӕн айхъуысдзӕн, ахӕм. Цӕй ӕмӕ йын ӕрцӕттӕ кӕнон аразӕн ӕрмӕг». Ӕмӕ Давид бирӕ ӕрцӕттӕ кодта йӕ амӕлӕты размӕ.


Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат.


Соломон сфӕнд кодта Дунедарӕджы номыл Кувӕндон саразын, йӕхицӕн та — паддзахы галуан.


ӕрвылбоны хойраджы хуынтӕн ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинӕгтӕн; сабӕттӕн; мӕйногтӕн; бӕрӕгбӕттӕн; Кувӕндоны уаз дзауматӕн; Израилы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕгтӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕн.


Йӕ арвӕрттывдтӕй рухс у дун-дуне; зӕхх уый уыны ӕмӕ ризы.


Фынгыл хъуамӕ ӕвӕрай дзултӕ — ӕдзух Мӕ разы чи хъуамӕ уа, уыдон.


Аарон ыл буд судзӕд алы райсом, цырагъдарӕны цырӕгътӕ-иу куы барӕвдз кӕна, уый фӕстӕ,


Ӕвзистӕй йедзаг чыссӕ йемӕ ахаста, цалынмӕ мӕй цалхыдзаг суа, уӕдмӕ не ’рыздӕхдзӕн“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ