2 Азфыстытӕ 2:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст3 Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Куыст кӕронмӕ куы ахӕццӕ, уӕд паддзах ӕмӕ Йеходамӕ бахастой, ӕхцайӕ ма цы баззади, уый. Уыцы фӕрӕзтӕй Дунедарӕджы Кувӕндонӕн арӕзт ӕрцыдысты алы дзауматӕ: мигӕнӕнтӕ уаз лӕггадӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ хӕссынӕн, ноджы ма цолпытӕ ӕмӕ алы ӕндӕр мигӕнӕнтӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй. Цалынмӕ Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны иудадзыг иууылсудзинаг нывӕндтӕ хастой.
Ноджы ма Соломон саразын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ дӕр: сыгъзӕрин нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; цырагъдарӕнтӕ — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд, сӕ цырӕгътимӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз судзынӕн; дидинсыф фӕлындӕнтӕ, цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; хӕсгӕрдтӕ, кӕхцытӕ, цолпытӕ, будсудзӕнтӕ, иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд; Кувӕндоны дуӕрттӕ: Рухсмонуаты дуар ӕмӕ Кувӕндоны сӕйраг агъуысты дуар, уыдон дӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд.