2 Азфыстытӕ 2:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст14 Йӕ мад рацыди Даны мыггагӕй, йӕ фыд та у Тиры сахайраг. Хурам-Авиа арӕхсы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, дур ӕмӕ хъӕдӕрмӕгимӕ кусынмӕ, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз тӕбынӕй, стӕй лыстӕг гӕнӕй уафынмӕ. Нывӕфтауынмӕ дӕр, стӕй йын цыдӕриддӕр бабар кӕной, уыцы куыстытӕй алцӕмӕ дӕр арӕхсы. Де ’рмдӕснытӕ ӕмӕ мӕ хицауы, паддзах Давиды, ӕрмдӕснытимӕ кусдзӕни. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |