Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Хирам дарддӕр фыста: «Ӕз ӕрвитын куырыхон ӕмӕ бирӕзонаг адӕймаджы, Хурам-Авиайы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 2:13
5 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Соломон Тиры сахарӕй ӕрбахуыдта Хурамы. Уый уыди Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй иу идӕдз усы фырт. Фӕлӕ йӕ фыд Тиры сахайраг уыд, ӕрхуыдӕсны. Хурам йӕхӕдӕг уыди зондджын ӕмӕ гӕрзарм ӕрхуыдӕсны. Паддзах Соломонмӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йын цыдӕриддӕр бабар кодтой, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта.


Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, паддзах Давидӕн ахӕм куырыхон фырты Чи радта, арфуынӕг зондӕй хайджын чи у, Дунедарӕгӕн Кувӕндон, йӕхицӕн та паддзахы галуан саразын чи сфӕнд кодта!»


Йӕ мад рацыди Даны мыггагӕй, йӕ фыд та у Тиры сахайраг. Хурам-Авиа арӕхсы сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, дур ӕмӕ хъӕдӕрмӕгимӕ кусынмӕ, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз тӕбынӕй, стӕй лыстӕг гӕнӕй уафынмӕ. Нывӕфтауынмӕ дӕр, стӕй йын цыдӕриддӕр бабар кӕной, уыцы куыстытӕй алцӕмӕ дӕр арӕхсы. Де ’рмдӕснытӕ ӕмӕ мӕ хицауы, паддзах Давиды, ӕрмдӕснытимӕ кусдзӕни.


Уӕдӕ мын ӕрбарвит, сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ кусынмӕ чи арӕхсы, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз хъуымӕцтӕ уафын, стӕй нывӕфтауӕджы куыст чи зоны, ахӕм ӕрмдӕсныйы. Иудей ӕмӕ мын Йерусалимы цы ӕрмдӕснытӕ ис, уыдонимӕ мын кусӕд. Уыцы ӕрмдӕсныты кӕддӕр мӕ фыд Давид равзӕрста.


къӕртатӕ, фыййӕгтӕ, фыдистӕ. Хурам-Авиа паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд ӕмӕ ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ