Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 2:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Чи сфӕлдыста, паддзах Давидӕн ахӕм куырыхон фырты Чи радта, арфуынӕг зондӕй хайджын чи у, Дунедарӕгӕн Кувӕндон, йӕхицӕн та паддзахы галуан саразын чи сфӕнд кодта!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 2:12
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хирам тынг бацин кодта, Соломоны курдиат ын куы рафӕзмыдтой, уӕд ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Давидӕн ахӕм куырыхон фырт Чи радта, уыцы бирӕ адӕмӕн ӕй паддзах Чи скодта!»


Давид басидт ӕппӕт адӕммӕ дӕр: «Арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕм раарфӕ кодтой Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, ныддӕлгом сты Дунедарӕджы раз ӕмӕ паддзахы раз.


Соломон сфӕнд кодта Дунедарӕджы номыл Кувӕндон саразын, йӕхицӕн та — паддзахы галуан.


Хирам дарддӕр фыста: «Ӕз ӕрвитын куырыхон ӕмӕ бирӕзонаг адӕймаджы, Хурам-Авиайы.


Йӕ лӕвӕрттӕй дӕ ӕфсады, ӕмӕ цӕргӕсау раздӕхы де ’взонгад.


Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.


Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг у ӕцӕг Хуыцау, Уый у цардӕгас Хуыцау ӕмӕ ӕнусон Паддзах. Йӕ мастӕй сӕнкъуысы зӕхх, адӕм ӕдых сты Йӕ масты раз.


«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта.


«Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм Фарны Уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.


Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ скуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг!


Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн —


ӕмӕ расомы кодта, мыггагӕй-мыггагмӕ Цардӕгас Чи у, Уымӕй — арв ӕмӕ, арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ, денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ Сфӕлдисӕгӕй: «Ӕрцӕуинаг цы у, уый нӕ бафӕстиат уыдзӕн».


«Ды цыт ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ