Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 2:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дӕ хъӕддзаутӕн дын ӕз ратдзынӕн ссӕдз мин коры мӕнӕу, иу уый бӕрц та — хъӕбӕрхор, стӕй ссӕдз мин баты сӕн ӕмӕ иу уый бӕрц та — оливӕйы сой».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 2:10
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон дӕр ӕрвылаз Хирамы хӕдзарӕн ӕрвыста ссӕдз мин коры мӕнӕу ӕмӕ ссӕдз коры сыгъдӕг оливӕйы сой.


Агӕн йӕ былтӕ — нуазӕны былты хуызӕн, хъоппӕг куы райхӕлы, раст уый ӕнгӕс. Йӕ фӕрсты бӕзн — армытъӕпӕны йас. Дон дзы цыди дыууӕ мин баты.


Ацы суанцъытӕн ма Хурам ноджыдӕр скодта дӕс ӕрхуы цӕхгӕры, алы цӕхгӕрӕн дӕр йӕ фӕтӕн уыди цыппар ӕлмӕрины, дон дзы цыди дыууиссӕдз баты.


Давид бамбӕрста, Израилӕн ӕй паддзахӕй Дунедарӕг кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ паддзахад Израилы, Йӕ адӕмы, сӕраппонд кӕй скадджын кодта.


Мӕнӕу, хъӕбӕрхор, сой ӕмӕ сӕны кой скодтай, ӕмӕ-иу уыдон та дӕхи кусджытӕн рарвит.


цӕмӕй мын бирӕ хъӕдӕрмӕг ӕрцӕттӕ кӕной. Уымӕн ӕмӕ, ӕз цы Кувӕндон аразын, уый хъуамӕ уа стыр ӕмӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд.


Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, хӕрзаудӕн дын Чи кӕны ӕмӕ дӕ Йӕ паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта, цӕмӕй Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, паддзахиуӕг кӕнай! Дунедарӕг Израилы адӕмы кӕй уарзы, Йӕ зӕрды сӕ мыггагмӕ ӕрфидар кӕнын кӕй ис, уый тыххӕй дӕ сӕвӕрдта паддзахӕй, цӕмӕй сын рӕстаг тӕрхон кӕнай.


Уымӕ гӕсгӕ дурамайджытӕ ӕмӕ хъӕдгуыстгӕнджытӕн райдыдтой ӕвзист дӕттын, сидойнӕгтӕн ӕмӕ тирӕгтӕн та — хойраг, нуазинаг ӕмӕ оливӕйы сой, цӕмӕй Ливанӕй Яффомӕ кедры хъӕд ласой, Персы паддзах Киры бардзырдмӕ гӕсгӕ.


ӕвзист — сӕдӕ таланты, мӕнӕу — сӕдӕ коры, сӕн — сӕдӕ баты, оливӕйы сой — сӕдӕ баты, цӕхх та — цасдӕриддӕр бахъӕуа, уый бӕрц.


Баззайут-иу уыцы хӕдзары ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй хӕрут ӕмӕ нуазут сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ кусӕг у йӕ куыстӕн хӕрзиуӕг райсыны аккаг; хӕдзари-хӕдзар-иу ма зилут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ