Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 19:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Бафӕдзӕхста сын: «Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут, аргъуыцгӕнгӕйӕ, цӕсгомджынӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 19:9
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы Хуыцау загъта, Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта: „Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,


Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


Уе ’фсымӕртӕй, иннӕ сахарты чи цӕры, уыдонӕй уӕм исчи йӕ хъаст куы ’рбахӕсса, уӕд-иу сӕ рагацау бахизут тӕригъӕдӕй — сӕ хъаст тугныккалд кӕнӕ Ӕгъдауы фӕрстытимӕ баст уа, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕви йӕ амындтытимӕ, — цӕмӕй уын уӕхи дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕрты дӕр Дунедарӕг Йӕ азары хай ма бакӕна. Афтӕ куы кӕнат, уӕд тӕригъӕды нӕ бацӕудзыстут.


Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕнут, хъавгӕйӕ архайут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, раст тӕрхон никуы халы, никӕй хъулон кӕны ӕмӕ гӕртӕмттӕ нӕ исы».


Иосафат Йерусалиммӕ куы ’рбаздӕхти, уӕд уым дӕр левиттӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕй баурӕдта тӕрхоны лӕгтӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй адӕмӕн тӕрхон кӕной ӕмӕ-иу сын сӕ хъаст ӕвзарой.


Рӕхджы уын уыдзӕни рӕстаг Паддзах, ӕмӕ уӕд паддзӕхтӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ хицауиуӕг кӕндзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ