5 Иудейы алы фидаргонд сахары дӕр сӕвӕрдта тӕрхоны лӕгтӕ.
Иосафат Йерусалиммӕ куы ’рбаздӕхти, уӕд уым дӕр левиттӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕй баурӕдта тӕрхоны лӕгтӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй адӕмӕн тӕрхон кӕной ӕмӕ-иу сын сӕ хъаст ӕвзарой.
Адӕмы ’хсӕнӕй равзар, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ӕууӕнкджын чи у ӕмӕ гӕртам чи нӕ райсдзӕн, ахӕм нымад лӕгтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕй сӕвӕр: кӕй — мин, кӕй — фондзыссӕдз, кӕй — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, кӕй — дӕс лӕджы сӕргъы.
Уый фӕстӕ, кӕй ракалдтой, уыцы дурты бӕсты бавӕрӕнт ӕндӕр дуртӕ ӕмӕ хӕдзары къултӕ ногӕй байсӕрдӕнт.
Сымах фехъуыстат, рагон адӕмӕн цы загъд уыди, уый: «Ма амар». Чи амара, уый дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз.
Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.
Тӕрхон кӕнгӕйӕ, хъулон макӕй кӕнут: стырмӕ дӕр ӕмӕ чысылмӕ дӕр хъусут, макӕмӕй тӕрсут — тӕрхон Хуыцауӕй лӕвӕрд у. Зынӕвзарӕн уын цы хъуыддаг уа, уый та-иу мӕнмӕ фӕхӕццӕ кӕнут, ӕмӕ йӕм ӕз ӕркӕсдзынӕн“.