Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 19:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕниу, хорзӕй дӕр цыдӕртӕ сарӕзтай, уымӕн ӕмӕ Иудейы зӕххыл Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдтай, Дунедарӕджы агуырдтай зӕрдиагӕй».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 19:3
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕхъыг ыл кӕндзысты Израилы адӕм ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдзысты. Йоровамы хӕдзаронтӕй иунӕг уый ӕрцӕудзӕни зӕппадзы ӕвӕрд, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, иунӕг уымӕ ссардта хорз миниуджытӕ.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй уӕлдай Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдон дӕр Йерусалиммӕ цыдысты ӕмӕ уым Дунедарӕгӕн, сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, хастой нывӕндтӕ.


Роховам йӕ азымыл куы басаст, уӕд дзы Дунедарӕг аздӕхта Йӕ маст ӕмӕ йӕ нал бабын кодта. Стӕй Иудейы хорзӕй дӕр исты уыди.


Паддзах Роховам ӕвзӕр митӕ кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон ӕххӕст кӕныныл нӕ архайдта.


Афтӕмӕй Дунедарӕгимӕ, сӕ фыдӕлты Хуыцауимӕ, фидыд сарӕзтой ӕмӕ дзырд радтой, сӕ уд, сӕ зӕрдӕ кӕй хъардзысты кад Ын кӕныныл,


Иудейӕгтӕ иууылдӕр цин кодтой сӕ ардбахӕрдыл, уымӕн ӕмӕ сомы ракодтой зӕрдиагӕй. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕджы ӕрцагуырдтой, ӕмӕ сӕм Уый раргом ис. Дунедарӕг сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.


Иосафат фӕтарсти ӕмӕ сфӕнд кодта Дунедарӕджы бафӕрсын. Ӕгас Иудейы адӕмӕн дӕр ком дарын бафӕдзӕхста.


Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, ӕмӕ адӕм сӕ фыдӕлты Хуыцауӕн бынтон зӕрдиагӕй кад нӕма кодтой.


Уый фӕстӕ Ахазиайы агурын райдыдта ӕмӕ, Самарийы ӕмбӕхстӕй куы бадти, уӕд ахст ӕрцыди. Йегумӕ йӕ ӕрбакодтой ӕмӕ йӕ амардтой. Бавӕрыны аккаг ӕй скодтой, уымӕн ӕмӕ загътой: «Цыфӕнды куы уа, уӕддӕр Дунедарӕгӕн зӕрдиагӕй кад чи кодта, уыцы Иосафаты фырты фырт у». Ӕмӕ Ахазиайы хӕдзары, паддзахиуӕг кӕнын йӕ бон кӕмӕн суыдаид, ахӕмӕй ничиуал баззад.


Йотам ахӕм хъомысджын уымӕн сси, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы раз, уыдысты раст.


Езекиа уыдоны тыххӕй скуывта: «Хӕрзаудӕнгӕнаг Дунедарӕг ныххатыр кӕнӕд, Дунедарӕгмӕ, йӕ фыдӕлты Хуыцаумӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи тырны, фӕлӕ Кувӕндоны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йӕхи ссыгъдӕг кӕнын кӕмӕн нӕ бантысти, уыдонӕн!»


Уымӕн ӕмӕ Езра йӕхи снывонд кодта Дунедарӕджы Ӕгъдау базонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнынӕн, Израилы дӕр уыцы Ӕгъдау фидар кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад амонынӕн.


О Хуыцау, сӕ дӕндӕгтӕ сын базгъал! О Дунедарӕг, домбӕйттӕн се ’фсӕртӕ ныппырх кӕн!


Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы ис. Хорздзинад кӕнын мӕ фӕнды, фӕлӕ мын нӕ уайы.


Самуел сын загъта: «Кӕд зӕрдиагӕй раздӕхтыстут Дунедарӕгмӕ, уӕд ӕцӕгӕлон хуыцӕутты ӕмӕ Астартӕты уӕхицӕй аиуварс кӕнут, уӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕн раттут ӕмӕ иунӕг Уымӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уӕ Уый филистимӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ