Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 19:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 19:2
40 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иуахӕмы Дунедарӕг Хананийы фырт Йегуйӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй Баасайӕн зӕгъа:


Ацы рагуац ныхас Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хананийы фырт Йегу загъта Бааса ӕмӕ йӕ мыггаджы ныхмӕ, уымӕн ӕмӕ Бааса, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдӕттӕ кодта, Йӕ хъуыддӕгтӕй Йӕ ӕфхӕрдта, Йоровамы тӕригъӕдтӕ кӕй фӕзмыдта, стӕй ма ноджы Йоровамы мыггаг кӕй ныццагъта, уый тыххӕй.


Ахавы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдоныл никуыма ничи бафтыд, уыдӕттыл ӕй ардаугӕ та кодта йӕ ус Иезавел.


Иосафат бафидыдта Израилы паддзахимӕ.


Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.


Иосафат уыди бонджын ӕмӕ номдзыд паддзах. Ахавимӕ хӕстӕгдзинад бакодта


Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат иумӕ ацыдысты галаадаг сахар Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ.


Израилы паддзах Ахав бафарста Иудейы паддзах Иосафаты: «Ацӕудзынӕ мемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Мӕ адӕм дӕ адӕмы фӕдыл ацӕудзысты, цӕуын демӕ хӕстмӕ».


Израилы паддзах Иосафатӕн дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, ахӕм, фӕлӕ дзы ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ. Уый Имлайы фырт Миха у». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».


Ныр иудейаг паддзах Иосафат та сӕрӕгасӕй раздӕхти Йерусалиммӕ, йӕ галуанмӕ.


Уе ’фсымӕртӕй, иннӕ сахарты чи цӕры, уыдонӕй уӕм исчи йӕ хъаст куы ’рбахӕсса, уӕд-иу сӕ рагацау бахизут тӕригъӕдӕй — сӕ хъаст тугныккалд кӕнӕ Ӕгъдауы фӕрстытимӕ баст уа, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕви йӕ амындтытимӕ, — цӕмӕй уын уӕхи дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕрты дӕр Дунедарӕг Йӕ азары хай ма бакӕна. Афтӕ куы кӕнат, уӕд тӕригъӕды нӕ бацӕудзыстут.


Иосафаты хъуыддӕгтӕ райдианӕй кӕронмӕ фыст сты Хананийы фырт Йегуйы азфыстыты ӕмӕ хаст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныгмӕ».


Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта.


Озиайӕн йӕ размӕ ӕрлӕууыдысты ӕмӕ загътой: — Озиа, дӕуӕн не ’мбӕлы Дунедарӕгӕн буд судзын! Уый сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, куыст у — уыдон уыцы куыстӕн сӕрмагондӕй сыгъдӕггонд ӕрцыдысты. Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рацу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕнд сарӕзтай, ӕмӕ дын уый Дунедарӕджы раз кады хос нӕ уыдзӕн.


Фӕлӕ Езекиа уыцы хорзӕхӕн аккаг аргъ не скодта, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл ӕгӕр фервӕссыд. Ӕмӕ йын уый тыххӕй йӕхи дӕр, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы дӕр Дунедарӕджы азар баййӕфта.


Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.


Чи мӕ уыны, уыдон мыл худынц, сӕ сӕртӕ банкъусынц, бахудынц былысчъилӕй:


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Зарӕг «Хъоппӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом.


Бирӕ цӕрӕд! Савайӕ йын ласдзысты сыгъзӕрин, ӕдзух ын кувдзысты, ӕрвылбон ын арфӕ кӕндзысты.


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Амос Амациайӕн дзуапп радта: «Ӕз нӕ дӕн нӕдӕр пехуымпар, нӕдӕр — пехуымпары фырт. Ӕз уыдтӕн фыййау ӕмӕ зылдтӕн сикомортӕм.


Ацы дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд-иу ӕй зонут — сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт.


Мӕнӕй йе сӕфт чи уыны, уый Мӕ Фыдӕй дӕр йе сӕфт уыны.


Уӕларвӕй ӕргомгонд цӕуы: Хуыцауы ӕцӕгад фыдӕхӕй ссӕндӕг адӕм сӕ ӕнӕхуыцау митӕ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй баййафдзысты Хуыцауы азар.


сты маргӕвзаг, Хуыцау сын ӕнӕуынон у, сты ӕдзӕсгом, схъӕл, хиппӕлой, фыдбылыз саразынмӕ дӕсны, ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсынц;


Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.


Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу.


Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.


Мӕ цӕхӕркалгӕ кард куы сцыргъ кӕнон ӕмӕ тӕрхон кӕнынмӕ куы бавналон, уӕд Ме знӕгтӕн аккаг фӕуыдзынӕн, Мӕ фыдгултӕн схос кӕндзынӕн.


Арфӕ ракӕн, Дунедарӕг, йӕ хъаруйӕн ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрӕстмӕ кӕн. Ныффалгӕрон ын кӕн йӕ фыдгулты, цӕмӕй йе знӕгты бон растын мауал суа“.


Ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау; йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ фидын кӕнын сӕ байзӕддӕгтӕн, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг.


Йӕхи Йыл чи тигъ кӕны, уыдонӕн аккаг фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзӕн — се ’ппӕтыл дӕр ӕвӕстиатӕй Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдзӕн.


Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.


(Раздӕр-иу Израилы исчи Хуыцауы фӕндон базонынмӕ куы цыд, уӕд-иу афтӕ дзырдтой: «Цом зонынджынмӕ», уымӕн ӕмӕ, ныр пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр зонынджын хуыдтой.)


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ