Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 19:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дунедарӕгимӕ цы хъуыддаг баст уа, уыдонӕй алкӕцыйы дӕр уӕ сӕргъы уыдзӕни хистӕр сауджын Амариа, паддзахы алы хъуыддаджы та — Измаелы фырт Зевадиа, Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы хистӕр. Левиттӕ та уын ӕххуыс кӕндзысты. Ныфсхаст ут, ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ алы хорз хъуыддаджы дӕр ахъазгӕнӕг уӕд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 19:11
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ Дунедарӕджы уазӕг у, мӕ хъӕбул, бантысӕд дын Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, хӕдзар саразын, Уый дӕ куыд ӕнхъӕл у, афтӕ.


сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ чи кусы, уыдон. Райдай аразын, ӕмӕ дын Дунедарӕг баххуыс кӕнӕд».


Гъемӕ уӕдӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ уды ӕппӕт хъаруйӕ агурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, саразут Ын Кувӕндон. Йӕ номыл цы хӕдзар сырӕза, уырдӕм-иу бахӕссут Фидыды Чырын ӕмӕ Хуыцауы уаз мигӕнӕнтӕ».


Хевроны байзӕддагӕй: Хашавиа ӕмӕ йе ’рвадӕлтӕ, мин ӕмӕ авдсӕдӕ лӕджы, ӕхсарджын адӕм. Уыдон сӕ цӕст дардтой, Израилы Иорданӕй ныгуылӕнӕрдӕм Дунедарӕгӕн куыд лӕггад кӕнынц, уымӕ, стӕй паддзахады ӕппӕт хъуыддӕгтӕм.


Паддзах Давид Йериайы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты — дыууӕ мины ӕмӕ авдсӕдӕ сӕрӕн лӕджы, мыггӕгты хистӕрты — баурӕдта Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгты сӕргъы, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы сӕргъы, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Израилы дины ӕмӕ паддзахады ӕппӕт хъуыддӕгтӕм.


Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.


Азариайӕ райгуырд Амариа; Амариайӕ райгуырд Ахитув;


ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Фӕлӕ сымах фидар лӕуут ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уӕ хъуыддӕгты ныхмӕ хӕрзиуӕг райсдзыстут».


Бафӕдзӕхста сын: «Тӕрхон куы кӕнат, уӕд-иу, цы кусут, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах тӕрхон кӕнут адӕймаджы номӕй нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы номӕй. Тӕрхон куы хӕссат, уӕд Дунедарӕг кӕддӕриддӕр уыдзӕни уемӕ.


Иосафат Йерусалиммӕ куы ’рбаздӕхти, уӕд уым дӕр левиттӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртӕй баурӕдта тӕрхоны лӕгтӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕй адӕмӕн тӕрхон кӕной ӕмӕ-иу сын сӕ хъаст ӕвзарой.


Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт —


Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмбал кӕм ис? Йӕ паддзахы бадӕн бӕрзонд у,


Фӕтагъд мӕм кӕн ӕххуысмӕ, о Дунедарӕг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!


Уымӕ гӕсгӕ раст адӕмы фӕндӕгтыл цу, рӕстгӕнджыты цӕуӕнтыл фидар хӕц.


Хуыцауӕн фӕндиаг чи у, уымӕн зонд, куырыхондзинад ӕмӕ циндзинад ратты. Тӕригъӕдджынӕн дӕр кусын ӕмӕ йӕ къӕбицтӕ дзаг кӕныны зонд Хуыцау ратты, фӕлӕ искӕд бон йӕ фӕллӕйттӕ, Хуыцауы зӕрдӕ чи балхӕдта, уый къухмӕ ӕрхауынц. Ӕмӕ та уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, уыдон дӕр, дымгӕ ӕрцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.


Иу лӕг, йӕ ном — Йосеф, синедрионы уӕнг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ раст адӕймаг,


Варнавӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыди, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Бардарӕгыл баууӕндыдысты бирӕ адӕм.


Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.


Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.


Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Афтӕ бакӕн, цӕмӕй ацы бӕстӕ Израилы адӕмӕн суа фыдӕй-фыртмӕйы исбон, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ фыдӕлтӕн сомы ракодтон йӕ раттыны тыххӕй!


Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ