Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 19:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уе ’фсымӕртӕй, иннӕ сахарты чи цӕры, уыдонӕй уӕм исчи йӕ хъаст куы ’рбахӕсса, уӕд-иу сӕ рагацау бахизут тӕригъӕдӕй — сӕ хъаст тугныккалд кӕнӕ Ӕгъдауы фӕрстытимӕ баст уа, йӕ фӕдзӕхстытӕ, йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕви йӕ амындтытимӕ, — цӕмӕй уын уӕхи дӕр ӕмӕ уе ’фсымӕрты дӕр Дунедарӕг Йӕ азары хай ма бакӕна. Афтӕ куы кӕнат, уӕд тӕригъӕды нӕ бацӕудзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 19:10
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Бафӕдзӕхста сын: «Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнут, аргъуыцгӕнгӕйӕ, цӕсгомджынӕй ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.


Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».


«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй.


Хъахъхъӕнӕг ӕвзидгӕ кард куы фена, фӕлӕ сыкъауадындзӕй куынӕ ныууаса, цӕмӕй адӕмы бахиза, уый тыххӕй, уӕд, фыдгулы кард кӕй баййафа, уый йӕ тӕригъӕды аххосӕй карды амӕттаг бауыдзӕн, фӕлӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн дӕуӕй.


Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы ’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!»


Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодта.


Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.


Стӕй ӕрбацӕуӕнт сауджынтӕ, Левийы байзӕддӕгтӕ: уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын лӕггадгӕнӕг уой ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй арфӕ кӕной, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды быцӕу дӕр ӕмӕ уӕнгсаст фӕкӕныны фӕдыл цыфӕнды хъуыддаг равзарын дӕр уыдонмӕ хауы.


Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ