Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат сӕ къӕлӕтджынты, сӕ паддзахы дарӕсты, бадтысты Самарийы кулдуары раз, мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:9
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕрсагъта ӕфсӕн сыкъатӕ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».


Фӕндагыл Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ паддзахы дарӕс раивдзынӕн, ӕмӕ хӕцын райдайдзынӕн, ды та-иу дӕ паддзахы дарӕс уадз дӕ уӕлӕ». Афтӕмӕй Израилы паддзах раивта йӕ дарӕс ӕмӕ тохы бацыди. Ныр Сирийы паддзах та йӕ тохуӕрдӕтты хицӕуттӕн бафӕдзӕхста: «Израилы паддзахӕн йе ’фсады хицӕуттӕй дӕр ӕмӕ хуымӕтӕг хӕстонтӕй дӕр макӕимӕ хӕцут, ӕрмӕстдӕр — йӕхи ныхмӕ!»


Уӕд Израилы паддзах йӕ галуаны кусджытӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Тагъддӕр мын Имлайы фырт Михайы ардӕм ӕрбакӕн!»


Мӕрдтыбӕстӕ базмӕлыд, ӕнхъӕлмӕ кӕсы де ’рбацыдмӕ — уый райхъал кодта мӕрдты, зӕххон фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр. Муртаттаг паддзӕхты растын кодта сӕ паддзахы бадӕнтӕй.


Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт.


Уалынмӕ паддзахы бадӕнтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ Ӕнусты Цӕрӕг къӕлӕтджыны ӕрбадти. Йӕ дарӕс — митӕнгӕс, Йӕ сӕрыхъуынтӕ — урс цагъд къуымбилы хуызӕн,


Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? О, фӕлӕ зынаргъ дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.


фӕлӕ уын зӕгъын: суанг Соломон дӕр, уый бӕрц кадджын уӕвгӕйӕ, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ фӕлыста йӕхи.


Боаз сахары кулдуары цурмӕ рацыд ӕмӕ уым сбадти. Кӕй кой кодта, уыцы ӕрвад иуафон йӕ рӕзты фӕцӕйцыд. Боаз ӕм сдзырдта: «Раздӕх ӕмӕ сбад мӕ фарсмӕ». Уый ӕрбаздӕхт ӕмӕ ӕрбадт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ