8 Уӕд Израилы паддзах йӕ галуаны кусджытӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Тагъддӕр мын Имлайы фырт Михайы ардӕм ӕрбакӕн!»
Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».
Уӕд Израилы паддзах йӕ галуаны кусджытӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Тагъддӕр мын Имлайы фырт Михайы ам ӕрбалӕууын кӕн!»
Давид Йерусалиммӕ ӕрхуыдта Израилы ӕппӕт раздзӕуджыты: хӕдзарвӕндӕгты хистӕрты, паддзахы ӕфсӕддон къордты хицӕутты, миныхицӕутты, сӕдӕйыхицӕутты, паддзахы ӕмӕ йӕ фыртты исбонмӕ ӕмӕ фосмӕ кӕсджыты, ноджы ма паддзахы барджынты, йе ’хсарджынты ӕмӕ ӕппӕт иннӕ зынгӕ лӕгты.
Израилы паддзах Иосафатӕн дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, ахӕм, фӕлӕ дзы ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ. Уый Имлайы фырт Миха у». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».
Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат сӕ къӕлӕтджынты, сӕ паддзахы дарӕсты, бадтысты Самарийы кулдуары раз, мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы.
Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл».
Паддзах Навуходоносор йӕ лӕггадгӕнджыты хистӕр Ашпеназӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилаг уӕздӕтты ’хсӕн равзара
Уӕ быдыртӕ ӕмӕ уын уӕ сӕндӕтты тыллӕгӕн райсдзӕн йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ йӕ ратдзӕн йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн.