2 Азфыстытӕ 18:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст7 Израилы паддзах Иосафатӕн дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, ахӕм, фӕлӕ дзы ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ. Уый Имлайы фырт Миха у». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый фехӕлдтой, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕг ӕз ма дзы баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».