4 Иосафат ма Израилы паддзахӕн ноджы загъта: «Раздӕр уал Дунедарӕджы бафӕрс».
Уый фӕстӕ Давид фарста Дунедарӕджы: «Цы кӕнон? Иудӕйы сахартӕй искӕцымӕ ацӕуон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу». Давид бафарста: «Кӕдӕм ацӕуон?» Уый йын загъта: «Хевронмӕ».
Давид Дунедарӕджы бафарста: «Филистимӕгты ныхмӕ цӕуон ӕви нӕ? Мӕ къухмӕ сӕ ратдзынӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Цу, ратдзынӕн сӕ дӕ къухмӕ ӕнӕмӕнг».
Давид дӕр та Дунедарӕджы бафарста, ӕмӕ йын Уый дзуапп радта: «Сӕ ныхмӕ ма ссу, фӕлӕ сӕ иувӕрсты ӕрзил ӕмӕ тута бӕлӕсты къохы ’рдыгӕй сӕ чъылдыммӕ баздӕх.
Израилы паддзах Ахав бафарста Иудейы паддзах Иосафаты: «Ацӕудзынӕ мемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Мӕ адӕм дӕ адӕмы фӕдыл ацӕудзысты, цӕуын демӕ хӕстмӕ».
Израилы паддзах фӕсидти цыппарсӕдӕ пехуымпармӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ ацӕуӕм ӕви нӕ?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ацу. Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзӕн».
Иудейы паддзахӕн, Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ уӕ чи рарвыста, уымӕн та зӕгъут: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ды, ацы чиныджы цы фыст ис, уый фехъуыстай.
Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.
«Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса».
«Адӕймаджы фырт! Израилы хистӕртӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ бафӕрсынмӕ ӕрбацыдыстут? Сомы кӕнын Мӕхицӕй, ницы дзуапп уын ратдзынӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уӕд Давид Дунедарӕджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ уыцы филистимӕгты басӕттон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу, филистимӕгты басӕтт ӕмӕ Кеилайы сахар ссӕрибар кӕн».
Давид та ногӕй бафарста Дунедарӕджы, ӕмӕ йын Дунедарӕг дзуапп радта: «Ныццу Кеиламӕ, филистимӕгты дын дӕ къухтӕм дӕттын».