Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Хӕст уыцы бон йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацыд. Ӕмӕ Израилы паддзах, сириӕгтӕ йӕ куыд уыной, афтӕ йӕ уӕрдоны уырдыг фӕлӕууыди изӕрмӕ. Хурныгуылды фӕстӕ амарди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:34
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Миха йын дзуапп радта: «Ӕз федтон: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фысты дзугау ныххӕлиу сты хӕхтыл. Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: „Хицау сын нӕй, ӕмӕ ма цалынмӕ сӕрӕгас сты, уӕдмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхӕнт фарнимӕ“».


Дунедарӕг сӕ бафарста: „Чи уӕ самидин кӕндзӕн Израилы паддзах Ахавы, цӕмӕй Галаадаг Рамотмӕ бабырса ӕмӕ уым йӕ мӕлӕт ссара?“ Ӕмӕ дзы иу кодта иу ныхас, иннӕ та ӕндӕр.


Миха йын загъта: «Дзӕбӕхӕй куы ’рбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕ дзыхӕй». Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уый алчидӕр фехъусӕд!»


Сирийы ’фсадӕй иу хӕстон ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фат суагъта ӕмӕ йын Израилы паддзахыл суади, згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты ’хсӕнты бахызти. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Алас мӕ ардыгӕй! Фӕцӕф дӕн».


Ныр иудейаг паддзах Иосафат та сӕрӕгасӕй раздӕхти Йерусалиммӕ, йӕ галуанмӕ.


Куырыхонтимӕ куы балымӕн уай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр куырыхон суыдзынӕ, ӕдылытимӕ куы баиу уай, уӕд та фыдбылызы бахаудзынӕ.


Тугныккалды аххосджын чи у, уый йӕ мӕлӕты бонмӕ рахау-бахау фӕкӕндзӕн. Чи йӕ суазӕг кӕна, ахӕм адӕймаджы макуы ссарӕд!


Афтӕ куынӕ бакӕнат, уӕд та тӕригъӕдджын уыдзыстут Дунедарӕджы раз, ӕмӕ уӕ уыцы тӕригъӕды азар кӕй баййафдзӕн, уый зонут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ