32 Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ йӕ ныууагътой, уымӕн ӕмӕ федтой, Израилы паддзах кӕй нӕу, уый.
уӕд бамбӕрстой, Израилы паддзах кӕй нӕу, уый ӕмӕ йӕ ныууагътой.
Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ Иосафаты куы ауыдтой, уӕд ӕй Израилы паддзах фӕхуыдтой ӕмӕ йӕ алыварс ӕртыхстысты, цӕмӕй йемӕ схӕцой. Иосафат ныхъхъӕр кодта, ӕмӕ йӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта, Хуыцау ын сӕ йӕ цурӕй иуварс аздӕхта.
Сирийы ’фсадӕй иу хӕстон ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ фат суагъта ӕмӕ йын Израилы паддзахыл суади, згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты ’хсӕнты бахызти. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Алас мӕ ардыгӕй! Фӕцӕф дӕн».