Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Израилы паддзах Ахав бафарста Иудейы паддзах Иосафаты: «Ацӕудзынӕ мемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Мӕ адӕм дӕ адӕмы фӕдыл ацӕудзысты, цӕуын демӕ хӕстмӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:3
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иосафаты бафарста: «Галаадаг Рамотмӕ бабырсыны фӕнд мӕм ис, ӕмӕ мӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзынӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, афтӕ».


Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.


Иудейаг паддзах Иосафатмӕ арвыста, цӕмӕй йын зӕгъой: «Моавы паддзах мӕ ныхмӕ сыстад, ӕмӕ хъуамӕ йемӕ схӕцон. Мӕ фарсмӕ не ’рбалӕудзынӕ?» Иосафат ын дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, уый хуызӕн».


ӕмӕ йӕм цалдӕр азы фӕстӕ Самаримӕ уазӕгуаты ацыди. Ахав ӕй хорз федта йӕ адӕмимӕ, бирӕ фыстӕ ӕмӕ стуртӕ сын аргӕвста; Иосафаты ардауын райдыдта, цӕмӕй йемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕца.


Иосафат ма Израилы паддзахӕн ноджы загъта: «Раздӕр уал Дунедарӕджы бафӕрс».


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ