Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29-30 Фӕндагыл Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ паддзахы дарӕс раивдзынӕн, ӕмӕ хӕцын райдайдзынӕн, ды та-иу дӕ паддзахы дарӕс уадз дӕ уӕлӕ». Афтӕмӕй Израилы паддзах раивта йӕ дарӕс ӕмӕ тохы бацыди. Ныр Сирийы паддзах та йӕ тохуӕрдӕтты хицӕуттӕн бафӕдзӕхста: «Израилы паддзахӕн йе ’фсады хицӕуттӕй дӕр ӕмӕ хуымӕтӕг хӕстонтӕй дӕр макӕимӕ хӕцут, ӕрмӕстдӕр — йӕхи ныхмӕ!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:29
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд пехуымпар ацыд ӕмӕ, йӕ цӕсгомыл ӕмбӕрзӕн ӕруагъта, афтӕмӕй, паддзах кӕуылты хъуамӕ рацыдаид, уым ӕрлӕууыд.


Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат иумӕ ацыдысты галаадаг сахар Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ.


Изӕрмилтӕм у йӕ каст хъахбайӕн, ничи мӕ фендзӕн, зӕгъгӕ, бамбӕхсы йӕ цӕсгом.


Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?


Кӕд йӕ ныхӕстӕ ’хсызгон сты, уӕддӕр ыл ма баууӕнд, — йӕ зӕрдӕйы авд фыдвӕнды ис.


Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.


Саул, мачи мӕ базона, зӕгъгӕ, йӕ хуыз аивта, йӕ уӕлӕ скодта ӕндӕр дарӕс. Дыууӕ лӕджы йемӕ ракодта ӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ ӕхсӕвы бацыдысты. Саул ын загъта: «Кӕмӕй дын зӕгъон, уый мын мӕрдтӕй ракӕн ӕмӕ мын ӕй бафӕрс».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ