27 Миха йын загъта: «Дзӕбӕхӕй куы ’рбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕ дзыхӕй». Ӕмӕ ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уый алчидӕр фехъусӕд!»
Израилы паддзах ӕмӕ Иудейы паддзах Иосафат иумӕ ацыдысты галаадаг сахар Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ.
Мӕ адӕмӕй тӕригъӕдджын чи у, фыдбылыз нӕм ӕввахс не ’рбацӕудзӕн, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдон иууылдӕр карды цӕфӕй цагъды фӕуыдзысты.
«Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, байхъусут лӕмбынӕг, ӕгас зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ! Дунедарӕг Хуыцау уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ныллӕууӕд, Йӕ уаз Кувӕндонӕй рацӕуӕд Бардарӕг!
Кӕд, алы адӕймаг дӕр куыд амӕлы, афтӕ амӕлой, ӕмӕ сӕ хъысмӕт, алы адӕймагӕн дӕр куыд вӕййы, афтӕ уа, уӕд, бӕлвырд, мӕн сымахмӕ Дунедарӕг нӕ рарвыста.
Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
Уый фӕстӕ Йесо фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ бамбарут!
Йесо ногӕй фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут Мӕм иууылдӕр ӕмӕ бамбарут!