Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Зӕгъут-иу сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ сбадын кӕнут, мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ йын дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхон, уӕдмӕ“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:26
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аса зонынджынмӕ смӕсты ис, фыр мӕстӕй ма йӕ ахӕстоны дӕр сбадын кодта. Уыцы заман адӕмӕй иуӕй-иуты дӕр ӕнӕхъуаджы карз бафхӕрдта.


Паддзах ын загъта: «Цал хатты дӕм хъуамӕ хатон: Дунедарӕджы номы сӕраппонд мын рӕстдзинад йеддӕмӕ мацы дзур!»


Дунедарӕг рӕстуды фӕлвары; ӕнӕхуыцау, тыхмиуарзаг ӕнӕуынон сты Йӕ удӕн.


Йӕ маст нӕ судздзӕни мыггагмӕ, ӕнустӕм маст Йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.


Уый Израилӕн у ӕгъдау, Йаковы Хуыцауы амынд.


Зондджын фыдбылызӕй тӕрсы, ӕмӕ дзы йӕхи хъахъхъӕны, ӕдылы та — нӕрӕмон ӕмӕ ӕгӕр ныфсхаст.


Дунедарӕг уӕ бафсаддзӕни хъыджы дзулӕй, хъизӕмары донӕй. Фӕлӕ уӕ Зондамонӕг Йӕхи нал ӕмбӕхсдзӕн сымахӕй, уӕ Зондамонӕджы уӕхи цӕстӕй фендзыстут.


Паддзах йӕ фырт Йерахмеел ӕмӕ Азриелы фырт Серайӕн, стӕй Авдиелы фырт Шелемийӕн бардзырд радта, цӕмӕй пехуымпар Йеремиа ӕмӕ нымӕрдар Барухы ӕрцахсой, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг бамбӕхста.


Уӕздӕттӕ Йеремиамӕ смӕсты сты, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ нымӕрдар Йонатаны хӕдзары бамидӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй ахӕстон скодтой.


Фарисейтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый, бӕлвырд, дӕлимонты се ’лдар Веелзевулы хъаруйӕ суры».


Цин кӕнут ӕмӕ райут — уӕлӕрвты уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр хорзӕх: афтӕ уӕ размӕ пехуымпарты дӕр ӕфхӕрдтой.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


Адӕм ӕм хъуыстой, цалынмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ загъта, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодтой: «Зӕххыл хъуамӕ ма уа! Удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй!»


Ӕрцахсын кодтой апостолты ӕмӕ сӕ сахары ахӕстоны бакодтой.


Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ.


Ацы карз ӕлгъысты ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, афтӕ чи зӕгъа, мӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл цӕудзынӕн, зӕгъгӕ, уый арфӕгонд нӕ уыдзӕн. Афтӕмӕй донӕфсӕст зӕхх дӕр ӕмӕ, ӕнӕ донӕй чи ныххус, уыцы зӕхх дӕр бабын уыдзысты.


Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой.


Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос.


Давид йӕхинымӕр дзырдта: «Ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ дзӕгъӕлы фӕхъахъхъӕдтон ацы лӕджы исбон ӕдзӕрӕг быдыры. Сӕфын дзы ницы бауагътон, ныр мын мӕ хорз ӕвзӕрӕй фиды.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ