Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Афтӕмӕй ныр пехуымпарты дзыхӕй уыцы фӕливӕг мон дзуры Дунедарӕджы фӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн фыдбылыз саразын у Дунедарӕджы фӕнд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:22
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы паддзах загъта Иосафатӕн: «Нӕ дын дзырдтон, хӕрзмӕ мын пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ, зӕгъгӕ?»


Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта: „О, бантысдзӕн дын, самидин ӕй кӕндзынӕ. Ацу ӕмӕ афтӕ бакӕн“.


Израилы паддзах Иосафатӕн дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, ахӕм, фӕлӕ дзы ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ. Уый Имлайы фырт Миха у». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».


Израилы паддзах Йоаш дзуапп радта Иудейы паддзах Амациайӕн: «Иу хатт ливайнаг какон сындз ливайнаг кедрӕн афтӕ зӕгъы: „Дӕ чызджы мын мӕ лӕппуйӕн ратт“. Фӕлӕ йӕ рӕзты ливайнаг хъӕддаг сырд фӕцӕйцыд ӕмӕ йӕ бассӕста йӕ къӕхты бын.


Хъомыс дӕр ӕмӕ уӕлзонд дӕр Уымӕ сты, сайӕг дӕр ӕмӕ сайд кӕуыл ӕрцыд — дыууӕ дӕр Йӕ бар сты.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн.


Дунедарӕг сын сӕ сӕрызонд фӕцӕуын кодта, ӕмӕ мысырӕгты галиу фӕндӕгтӕм аздӕхтой. Адӕм ӕнӕхъола цоппай кӕнынц, расыг лӕг йӕ омдзӕджы куыд фӕрабыр-бабыр кӕны, уыйау.


Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.


Уӕдӕ зӕгъ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз уын цӕттӕ кӕнын фыдбылыз, уӕ ныхмӕ аразын фыдвӕнд. Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадзӕд, уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“.


Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сфӕнд кодтон ацы адӕмыл, сӕ бӕрзӕйӕ кӕй нӕ сисдзысты, ахӕм бӕллӕх ӕруадзын, ӕмӕ сӕ бон раст цӕуын дӕр нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕни бӕллӕхы заман.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ