Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 ӕмӕ йӕм цалдӕр азы фӕстӕ Самаримӕ уазӕгуаты ацыди. Ахав ӕй хорз федта йӕ адӕмимӕ, бирӕ фыстӕ ӕмӕ стуртӕ сын аргӕвста; Иосафаты ардауын райдыдта, цӕмӕй йемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕца.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:2
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иу бон Адониа Ен-Рогелы донгуырӕнмӕ ӕввахс, Зохелеты дур, зӕгъгӕ, уыцы бӕрӕг бынаты цур скодта куывд. Аргӕвдын кодта фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ хӕрзхаст уӕнгуытӕ ӕмӕ фӕхуыдта йе ’ппӕт ӕфсымӕрты дӕр, паддзахы фыртты, стӕй, иудейӕгтӕй паддзахы кӕрты чи лӕггад кодта, уыдон.


Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Кериты къада бахуыскъ, уымӕн ӕмӕ къӕвдатӕ нал уарыд.


Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.


Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс.


Израилы паддзах Ахав бафарста Иудейы паддзах Иосафаты: «Ацӕудзынӕ мемӕ Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Мӕ адӕм дӕ адӕмы фӕдыл ацӕудзысты, цӕуын демӕ хӕстмӕ».


Зонынджын Йегу, Хананийы фырт, фӕндагыл йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ау, дӕуӕн ӕмбӕлдис ӕнӕхуыцауӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ, Дунедарӕг ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдонимӕ лымӕн кӕнын? Уый тыххӕй дӕ Дунедарӕджы азар баййафдзӕн.


Уыцы рӕстӕг ӕз Йерусалимы нӕ уыдтӕн: Вавилоны паддзах Артаксерксы паддзахиуӕгыл дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы сӕххӕст ис, уӕд ӕм фӕцыдтӕн. Цалдӕр боны фӕстӕ дзы мӕхи фӕстӕмӕ ракуырдтон.


Мӕнӕ сты уыцы сахартӕ: Бецер — ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы, Рувимты хайыл; Рамот — Гилады, Гадты хайыл; Голан — Башаны, Менассиайы мыггаджы хайыл.


Иорданы фале, Йерихонӕй скӕсӕнӕрдӕм сӕрӕфснайынӕн сбӕрӕг кодтой мӕнӕ ацы сахартӕ: ӕдзӕрӕг быдыры, тъӕпӕны — Бецер (Рувимы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй), Галаады — Рамот (Гады хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй) ӕмӕ Башаны — Голан (Менассиайы хӕдзарвӕндаджы зӕххӕй).


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ