Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 18:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Дунедарӕг сӕ бафарста: „Чи уӕ самидин кӕндзӕн Израилы паддзах Ахавы, цӕмӕй Галаадаг Рамотмӕ бабырса ӕмӕ уым йӕ мӕлӕт ссара?“ Ӕмӕ дзы иу кодта иу ныхас, иннӕ та ӕндӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 18:19
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг сӕ бафарста: „Ахавы уӕ чи самидин кӕндзӕн галаадаг Рамотмӕ бабырсын, цӕмӕй уым йӕ мӕлӕт ссара?“ Ӕмӕ сӕ иумӕ иу уынаффӕ уыд, иннӕмӕ та — ӕндӕр.


Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ.


Миха йӕ ныхас дарддӕр кодта: «Ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы, Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахизфарс ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.


Уӕд Дунедарӕджы раз иу мон ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: „Ӕз ӕй самидин кӕндзынӕн“. Дунедарӕг ӕй бафарста: „Куыд?“


Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта: „О, бантысдзӕн дын, самидин ӕй кӕндзынӕ. Ацу ӕмӕ афтӕ бакӕн“.


Ды едомӕгты ныддӕрӕн кодтай ӕмӕ дӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдыдтай. Фӕлтау ӕнцад дӕ хӕдзары куы бадис! Дӕхӕдӕг дӕхи фыдбылызы цӕмӕн ӕппарыс? Дӕхӕдӕг дӕр бабын уыдзынӕ, ӕмӕ ма демӕ — ӕгас Иудей дӕр».


Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ацу ӕмӕ де ’хсар равдис! Науӕд дӕ Хуыцау де знӕгты раз афӕлдахдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бон у баххуыс кӕнын дӕр ӕмӕ афӕлдахын дӕр».


Хъомыс дӕр ӕмӕ уӕлзонд дӕр Уымӕ сты, сайӕг дӕр ӕмӕ сайд кӕуыл ӕрцыд — дыууӕ дӕр Йӕ бар сты.


Сыгъдӕгзӕрдӕйы йӕ раст зонд кӕны раст фӕндагыл, ӕнӕхуыцауы йӕ фыдбылызтӕ фесафынц.


Хӕцӕнгарз саразынӕн арт чи бандзары, уыцы куырд дӕр Ме ’сконд у. Афтӕ — уыцы хӕцӕнгарзӕй адӕмы чи цӕгъды, уый дӕр.


Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ