17 Израилы паддзах загъта Иосафатӕн: «Нӕ дын дзырдтон, хӕрзмӕ мын пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ, зӕгъгӕ?»
Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Нӕ дын дзырдтон, хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг кӕны, зӕгъгӕ?»
Миха йын дзуапп радта: «Ӕз федтон: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фысты дзугау ныххӕлиу сты хӕхтыл. Ӕмӕ Дунедарӕг загъта: „Хицау сын нӕй, ӕмӕ ма цалынмӕ сӕрӕгас сты, уӕдмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхӕнт фарнимӕ“».
Миха йӕ ныхас дарддӕр кодта: «Ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы, Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахизфарс ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.
Израилы паддзах Иосафатӕн дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, ахӕм, фӕлӕ дзы ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ пехуымпариуӕг никуы фӕкӕны, ӕрмӕстдӕр мӕ фыдбылызмӕ. Уый Имлайы фырт Миха у». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».
Уайдзӕфтӕм хъусгӕйӕ, йӕхи чи схъӕхъхъаг кӕны, уымӕн ӕвиппайды йе сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ницыуал баххуыс кӕндзӕн.